[go: up one dir, main page]
More Web Proxy on the site http://driver.im/Перейти к содержанию

Байкал

53°13′00″ с. ш. 107°45′00″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Байкал
уырыс. Байкал, бур. Байгал далай
Морфометри
Абсолютон бæрзæнд456—457 м
Ас636 × 79,5 км
Фæзуат31 722 км²
Гуырахст23 615,39 км³
Стырдæр арф1642 м
Гидрологи
Минерализацийы типÆдзæхх 
Цæхджынад0,12 ‰
Рухсхъарындзинад40 м
Бассейн
Бассейн571 000 км²
Æфтæг цæугæдæттæСеленга, Уæллаг Ангара, Баргузин
Ракæлæг цæугæдонАнгара
Ран
53°13′00″ с. ш. 107°45′00″ в. д.HGЯO
Бæстæ
Уæрæсейы Федерацийы субъекттæБуряти, Иркутсчы облæст
Уæрæсе
Байкал
Буряти
Байкал
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Байка́л (уырыс. Байкал, бур. Байгал далай) у егъау æдзæхх цад Уæрæсейы, Скæсæн Сыбыры хуссары, ЮНЕСКО-йы хъахъæд объект. Байкал у дунейы арфдæр цад æмæ стырдæр æрдзон æдзæхх донуат. Цады цæры бирæ зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ, уыдонæй фылдæр хай сты эндемиктæ (ома, æндæр рæтты чи нæ цæры, ахæмтæ). Бынæттон цæрджыты традицимæ гæсгæ, Байкал йе стырдзинады охыл хонынц «денджыз», кæд зонадон цæстæнгасæй денджыз нæу, уæддæр.

1956 азæй фæстæмæ Байкал сси Иркутсчы донуаты хай, Иркутсчы ГЭСдонмарæны фæрцы[1]. Уыцы донмарæн ахъаз у цады уæлвæзмæ цæст дарынæн.

Географи

[ивын | Бындур ивын]

Байкал лæууы Азийы астæу, Уæрæсейы Иркутсчы облæст æмæ Бурятийы ’хсæн. Цад адæргъ ис хуссар-ныгуылæнæй цæгатырдæм, æддаг бакастæй у егъау æрдыны хуызæн; йæ дæргъ у 636 км, йæ уæрх та 25—80 км. Доны уæлцъары фæзуат у 31,5 мин км², æмæ йæ ацы бæрæггæнæнмæ гæсгæ у дунейы стырдæр цадты ’хсæн æхсæзæм.

Цады рæстæмбис æрфад у 730 метры, æмæ уымæ гæсгæ дзы ис 23 мин км³ бæрц хæрзхъæд æдзæхх дон (дунейы æвæрдтытæй 22 %). Цадты 'хсæн бæрцуатæй æрмæст Къаспы денджыз Байкалæй стырдæр цад у, фæлæ йæ дон цæхджын у.

Байкалмæ æфты 336 цæугæдоны, уыдонæй стырдæртæ сты Селенга, Уæллаг Ангара æмæ Баргузин. Цадæй ракæлы æрмæстдæр иу цæугæдон — Ангара.

Цадыл ис 27 сакъадахы, уыдонæй стырдæр у Ольхон (730 км²).

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Archive copy(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 23 майы. Архив 2016-æм азы 4 мартъийы.